ЦАРДМÆ ТЫРНÆГ КÆСТÆР
Царды фæрæзтæ алыгъуызон сты æмæ дзы алы адæймаг дæр равзары, йæ зæрдæмæ иууыл æввахсдæр чи вæййы, ахæм дæсныйад. Æнувыд ыл куы уа, уæд иу æнтыст иннæйы фæдыл æфтдзæн йæ къухты, айхъуысдзæн йæ хорзы ном æмæ дзы райгонд æмæ бузныг уыдзысты æмбæстæгтæ, æхсæнад. Куыстмæ уарзондзинад Цхинвалы районы Къостайыхъæуы цæрæг Хуыбиаты Уырызмæг дæр йæ ныййарджытæй рахаста, уыдон ын æнкъарын кодтой фæллойы ад æмæ йæ йæхæдæг дæр фæстагмæ бауарзта зæрдæйæ. Зæгъын хъæуы, цæнгдыхæй куыст æнцон никуы вæййы, æдзух тых, хъару хардз кæнын домы. Уый куыннæ æмбæрста хъæууон лæппу, фæлæ зындзинæдтæ мурмæ дæр нæ дардта, йæ дæсныйадмæ дардта уарзæгой ахаст. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ фæндагон фыдбылызы фæстиуæгæн цы машинæтæ бахъыгдард вæййынц, уыдон ногæй сæндидзын, сцалцæг кæныны хæс райста йæхимæ, бакодта æрмадз æмæ сæ къух рог кæнын райдыдта æмбæстæг-тæн. Æнцон нæу ацы дæсныйад, машинæйы йæ раздæры уагмæ æркæнынæн дзæв-гар фæразондзинад æмæ рæстæг фæхъæуы. Йæ куыст фæцис, зæгъгæ, уæд цæстытæ цины æрттывд фæкæнынц, мидбылхудт ахъазы йæ цæсгомыл æмæ æхцонæй сулæфы. Къорд азты кæны Уырызмæг ацы куыст, уыцы азты дæргъы цал машинæйæн радта дыккаг цард, гъе та рог цалцæг скæнын, уыдон ныр зын банымайæн уыдзысты. Фæлæ цардмæ тырнæг кæстæр æрмæст уыцы дæсныйадыл не 'рлæууыд. Хъæуы чи схъомыл вæййы, уымæн адджын æмæ æхцон у нæ радтæг зæхх, æдзухдæр æй йæхимæ фелвасы. Зæххы сой рантысгæ у, куыд хуыздæр æм базилай, уымæй. Фæлæ зæгъын хъæуы, фæстаг рæстæджы йæм иуæй-иутæ кæй зивæг кæнынц, фездæхтой йæм сæ чъылдым æмæ йæ нал ис рæстмæ бакусæг дæр. Æппæт уыдæттæ уынгæйæ, Уырызмæг йæ фадæттæ æмæ уавæртæм гæсгæ нырма æрæвнæлдта сæ хæдзаргæрон зæххы фадыгмæ бæстон базилын. А-уалдзæджы дзы сарæз-та, йæ дæргъ 15 метры æмæ йæ уæрх та 6 метры кæмæн у, ахæм хъæрмуат. Балхæдта пъамидоры хуыздæр тауинаг, «Мелоди», зæгъгæ, æмæ сæ байтыдта чысыл агуывзæты, зылд сæм æмбæлон æгъдауæй æмæ тагъд рæстæгмæ байрæзтысты. Иугæр садзынæн куы сбæззыдысты, уæд дзы хъæрмуаты ныссагъта 400 иуæджы, æдæппæт сты 7 рæгъы. Бауагъта сæм доны хæтæл, кæцы у лыстæг хуынчъытæ æмæ æвзартыл дон фæцæуы æртахгай. Уый у иууыл хуыздæр фæрæз донхæр кæныны рæстæджы, уымæн æмæ мæр йæхи-мæ исы, цас æй хъæуы, уый бæрц дон, сыджыт та баззайы йæхи мидæг. Тагъд рæстæгмæ пъамидоры къутæртæ баст бæттæнтыл сæхиуыл хæрдмæ схæцыдысты æмæ ныр сæ бæрзæнд у 150- 200 см, æрзад сыл фæйнæ 13-15-гай гагатæ. Ноджы ма: къутæртыл цы уæлдай къалиутæ æрзайы, уыдон хъæуы рæстæггай æхсæдын, цæмæй фылдæр тыллæг дæттой. Ахæм æмæ ма ноджы агротехникæйы æндæр домæнтæ æххæст кæныны фæстиуæгæн уал райста хæрзгъæд тыллæг иу тоннæйæ фылдæр æмæ сыл нырма дæр дзæвгар ис. Уæлдæр загътон, Хуыбиайы фырт кæй змæлы йæ уавæртæ æмæ фадæттæм гæсгæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон сты фæллойгæнæг адæймаджы сæйраг рахæцæнтæ. Фæлæ уыдонæй Уырызмæг хайджын нæ фæци йе 'нæниздзинадмæ гæсгæ. Низтæй иу дæр раппæ-линаг нæу, алчи дæр сæ адæймагмæ йæ цыргъ фат ныддары. Фæлæ уæддæр Уырызмæг цы низы ахæсты ис, уый æгъатырдæртæй сæ иу у. Уыргтæй сахъат у æмæ йæ диализ аразынмæ къуыри 3 хатты цæуын хъæуы Дзæуджыхъæумæ, цалдæр хатты уыд Мæздæг æмæ Æрыдоны дæр. Цы бон ацæуы, уы-цы бон фæстæмæ раздæхы йæ райгуырæн хъæумæ. Фæлæ уæддæр Уырызмæджы ныфс нæ сæтты, цардмæ цардбæл-лон лæппу кæсы райзæрдæйæ. А-дунейы цард цæмæй рæсугъд кæны, тырны уыдонæй фæ-хайджын уæвынмæ. Æрæджы та уыдонæй бавзæрста иу - баци бинонты хицау æмæ йын йæ амондæн йæ иузæрдион адæм фæарфæтæ кодтой. ХУЫБИАТЫ Н.